***

Ирд ыстъалытае сае тигътаей
Хъазынц арвыл, не сты 'мбаехст;
Раст цыма ысцъырдта мигътае,
Афтае бурбын маей ныннаерст.

Цады лаегъзыл – арвы фаззон:
Фестад дун-дуне дываер!
Цард маем нал каесы мылазон –
Катай ам аераенцад, гаер!

Фаг дыууае маеимае иумае
Не стаем дзурынаей аефсаест!
Заердае нал комы мае риумае –
Маргъау акодта паерраест!..

19.11.2025.


Рецензии