Ковдзан фастаг бонма

Ацибон кад ду райгъал да,
Уад уаллаги пълани да,
Бацо касанан а разма,
Ма гъарай загъа...
О Хуцау, канун дин арфа!
Ковун зардай саргубур,
Кадзос кей ма царди тъаффа,
Ке на дан уодай магур.
Хатир кангай ма радудта,
Тухгиндар кодта ма уарзт,
Магъзи фиццаг дар гъудита,
Ду ма цасти уарзон  каст.
Арв исхадтон аз исхъунма,
Нифс дарун ма фаууинон,
Кад нигъгъавтон устур хунма,
Уад искана да фандон.
Ма уаргута исастъегъдзан,
Джиуари бун арлаудзан,
Ку ма ниууадза ма хъаура,
Цаф берагъау бахелдзан.
Фала ковдзан фастаг сонтма,
Соццай реуи и цирагъ,
Ку рахъартон ма тархонма,
Уад фенцон кана ма уаргъ...
Е дзанати ,е зиндони,
Аз имисдзанан да ном,
Уод дадгай ракандзан соми,
Ку ралаууа еци бон!


Рецензии