Ма баста мин адгин
Цъах-цъахид гъадан а къохти,
Рацайтахунца царгаста,
Цъоппан а каронти.
Хор на тавуй сурх зингау,
Думга сатаг ласуй,
Дон хауй бунма уаззау,
Бунай ба аркафуй.
Тар гъада аргъаудда дзоруй,
Сирдта ледзунца фарсай,
Кадар мулк изаддай коруй,
Мах гъаздуг ан на занхай.
Ладарга дар на канета,
Куд дессаг ай на рауан,
Андар бастай имисета,
Мах ба нахе астауан.
Тумбул цъарабал арзелгай,
Некад разиндзай хуаздар,
Аз исхондзанан сархъелай,
Райгуран баста сакар.
Уомай адгиндар, гъаугадар,
Ма магур уодан наййес,
Ма фур цинай аз каудзанан,
Фаууад зардабал архъез.
Малат бал дар исон рази,
Ку на уинон ма баста,
Фудтуфули, хаун карзи,
На гъаунца цастита...
Свидетельство о публикации №126060306040
