***
Куыйтаей иргъаевдзынаен
Маехи маехаедаег.
АЕмае цаеуын –
Маен Хидыхъусмае бацаеуын фаенды.
АЕмё араехстгай цаеуын:
Мае къах куыд ницаеуыл ыскъуырон
АЕмае куыд нае ныммидаег уон
Цаеугае доны хуылфы.
Цыма мын 'наеуи ницы тас у 'ппындаер,
Цыма адзалаей нал баззад мыггаг,
Цаеуын, аемае мае заердае йёхи къултыл
Хойы: «Хаердмае,
Хаердмае, йае уаз сыгъдаегмае арваен!»
Уаеззау у аемае дард у тынг мае фаендаг,
Раестамонд,
Мемае цу!
Мае фаендагаей мын ма фаетаерс,
Мае амонд,
Мае уд аермаест уаед уыдзаени сабыр,
Куы уа мае хаедзар
'Нае уаелдай хъаелаеба,
Йае сабырыл куы цин каена нае заехх.
Налхъуыт бибитаен макуы баком сайын.
Хаелаегаен ма уадз хурх каенын
Даехи.
АЕмае дае уд куы судза искуы стаей,
Уаед уый артаей
Фыдваенд аемае фыдгаенд аерцаеуой
Хъуамае сыгъд.
Цаемаей фаеуай уаелахиз,
Хъаеуы йын бирае раестаег уымаен.
Наей, раестаегаей даесныдаер даесны наей.
Зынцаеуаен у 'мае дард у тынг мае фаендаг.
О, Стыр Хуыцау,
Даеуыл фаедзаехст фаеуаед.
Уырыссаг аевзагёй ХУЫГАТЫ Сергейы таелмац
Свидетельство о публикации №126051008305
