Ма надда
Ма зарда нинкъард ай,
Авадзи мин и уаларв,
Ма цастама ести даруй.
Куд ладаруй йе ма рист?
А хацца ку на дзорун,
Кад арцаудзай манан фист?
Аллибон ке корун.
Исуагъда уад магур уод,
Феронх канон нагъауга,
Къадзал-мудзул царди сконд,
Кума цауй цауга?
Уарун ахснуй ма надда,
Исдзалва кодта ман дар,
Набал ес си бараг фадда,
Ма нифс дарддон уонабал.
Маке зелантабал цо,
Да къахнадда да мадзал,
Федарай сабал рацо,
Цамай ма'сонца адзал!
Свидетельство о публикации №126050306787