Ма райгуран баста

Хуанхтама ме'ргом исхадтон,
Бунти Терки дон тахуй,
Фиццаг фаууинди бауарстон,
Уарзт зарди билтай калуй.
Фаххасад ма фадбилизта,
Еци тухгин дон манай,
Не'фсадун и расугъд хузтай,
Касун аргъавдай ,зудай.
Игъусуй залланг фандур,
Симди кафуй фасевад,
На хъаура айай устур,
Уомай устурдар на фад.
Ма изад да, ма баллец,
Ма сагъас, ма фун
Фандуй ма канун фадес,
Гъауаги ма цард даттун.
Федар лаууа ду ма баста,
Ниййераг мадау адгин,
Ду манан ма дуууа цасти,
Ана дау ма уод гъадин.
Ками фанди ку равзурон,
Занхи цъаран а карон,
Аз еуаддар дау равзардзан
Ду манан ме' сони бон...
Аз махе даубал фадзахсун,
Да къохти манан Дзанат,
Астълуйау арвбал содзис,
Да када фулдар канад!





 


Рецензии

С 3 по 5 июля состоится Литературный фестиваль в Этномире. В программе – семинары известных поэтов и писателей, поэтический конкурс, посвященный Году единства народов России, книжная выставкая-ярмарка. Приглашаем принять участие →