Уарзты тыххаей

О, уарзондзинад, уагаер даем цы тых ис,
Дае улаефтаей куыд зилын каеныс заехх?
Ды уарзаджы цъаех арвы бынмае сисыс
Аемае  фаезаегъыс:"ныр уаелаервты таех..."

Аемае фаетаехы уарзаг уд баерзаендты,
Къуымбил мигътае йае бынмае ленк каенынц,
Уым фембаелы  сыгъдаег уд уарзты заедтыл,
Аемае йын уыдон зарджытае каенынц.

Фаелае куы фаеуа сау фыдтых йае размае,
Йае базыртае фаесаеттын у йае бон,
Наей уыцы рыстаей  адаеймагаен карздаер,
Аерхауы  судзгае стъалыйы хуызон.

22.03.26


Рецензии