Фардгута
Ма баст къохта райхалдзан,
Каман адтай бунат зарди,
Ма хурфи еугай мардзан.
Ка фарресун кодта фарнай,
Ка на базудта ма аргъ
Каддар калдтон аз таманта,
Нур ма рагъбал устур уаргъ.
Илгъа канун уа миутама,
Гурумухъ ми рауадай,
Арах уайунца цастабал,
Мастай цасгон нийвадай.
Ма реугудур пеллон артай,
Нур дар содзаги содзуй,
Авгарстайта ана кардай,
Мардтайта, фал на малуй.
Рацаудзанай растагута
Не соджинайта хуаздар,
Ма цастисугай фардгута,
Арауинддзан ма хъурбал.
Ниццахар кадзан уа разма,
Уа уинанта басоддзан,
Каддар уа ма сарма хастон,
Нур ба уабал нихходдзан.
Свидетельство о публикации №126031803855