Еунаг ай ма цард
Стонг берагътау алке си тудта,
Арбацауаг аданан ма фарсма
Карон дар неке зудта.
Ма фалман уоди исконд,
Ман исафта алли хатт,
Сахе дардтонца фудконд,
Цубур адтай са сахат.
Махебал къуардтон агасей,
Хуарз загъун анца йета,
Ками анца сарагасай,
Цитгинай изайанта...
Алке хаста хе' нивандда,
Зунд иуарунма дасни,
Еууал зунди къубулантта,
На радзиндзай да фуни.
Алке иста манай пайда,
Радтунма ба цаламбуд,
Фесавданца авеппайди,
Манан ка лавардта дзурд.
Ман сумахай неци гъауй,
Исуагъда канта ма над,
Зарда ристай набал кауй,
Еунаг ай ма цард ...
Свидетельство о публикации №126030605419