Са хурфи бадуй арсита

Ацибон райгъал да гъар хуссани,
Уоман ба а хуссан уазал занха,
Райгурунца еуета бухсунма,
Са цард айай доргин цанха.
Да бинонти хортай ду афсес,
Са фарсма даргъ фингабал,
Е ба кануй 'хебал дес,
Тарсуй бафтуйун мардтабал.
Дауан дзол къар къур да пецай,
Хуарз хуаруйнаг ес,
Цъумур дон цумгай сахецан,
Баконсунца губуннез...
Дауан бон науаг нифсита,
Уонан бон малати хай,
Са хурфи бадуй арсита,
Знаг кануй биндзау катай.
Арбалхъивтай да суваллон,
А дзиккотай ин гъазис,
Уонан йе са уаззау тархон,
Хъурбал афсайнаг рахис...
На уинунца са бадалтти,
Йе син се уангта саттуй,
Ледзга цаунца сахатта,
Тугъд цауй, растаг цауй...


Рецензии