Баласа ма дон
Донма дзиназуй цума,
Уой айдани 'хема касуй,
Анкъард гъаласай исдзурдта.
Ма сифтар калуй занхи рагъма,
Исхузкъа дан аз ма хурфи,
Ма дойнуг мин корун, бафсада,
Ави да уинун ма фуни?
Низгъалданца донма фаткъута,
Баласа ба гъарай кауй,
Архаудтай бунтон ласгутабал,
Тарегъад, малуй...
Дон еци aгудзаг фаууингай,
Исзилдда е 'ргом ,базмалдай
Ракалдай билтабал фалингай,
Устур дар иссай и цадай...
Баласа райгасай, исхуастай,
Уаларвма нийваста ахе,
Дон фонникъулдта а цастай,
Аргъ дар ин наййе.
Карадзебал хуацунца ановуд,
Еу иссай инеман а тух,
Ка сфараздзай уони ратонут,
Амабалдзинада не рцаудзай лух.
Свидетельство о публикации №126021906680