Баллецта

Кадзос тъаффа райстон аз ма къохма,
Ма баллецта ниффинстон,
Бера факкалдтон и сузгъаринтта донма,
Йе нур ба ма ци канон?!
Уахан хъаура разиннад манма,
Исанхаст канун ма гъудити рангъа,
Бера факкодтон кауга,
Набал авганун ма мастбал цанха,
Уа салам бера ма хуарз лиманта,
Ка лавардта манан дзурд,
Уа када канад таманта,
Уа цард канад уаздан цуд.
Аз уинун еу дзабах бон,
Уод цагьддзанай фандурау,
Ма саринезтан хуарзбон,
Фаттахдзананца цъеуау.
Агас цо ма расугъд зараг,
Ниффинстон да ма зардай,
Цинадзинада нийуара,
Низзаланг кана фарнай...


Рецензии