Царди кинуга
Авеппайди ма кана мастгун,
Чи саккаг кодта Хуыцау,
Уой исфараза хассун.
Алке кинуги финстай,
Ций хезуй каронай,
Кад естамай фарриста,
Уаддар цауайнонай.
Разма цо, рауадза тарст,
Халхъоййы фаббухса,
Да къохти райса да цард.
Бахата да дусда.
Де' знагта дар да гъаунца,
Уони фарци саг-сирдау,
Алфамбулайы лауунца,
Берагътау.
Амбалтта ба цагинджита,
Уонабал хуацуй да нифс,
Аназинга хъаурита,
Райсунца да рист.
Анасатга, авалладай,
Ампурса хумти,
Бахбал, кена багъамбадай,
Куд фанди хузи.
И кинуга дахе къохти,
Ниффинсай расугьд,
Ма артаццай хъулуф къосай.
Еубон царди адгин муд.
Свидетельство о публикации №126021102501