Расугъд райдзастай

Расугьд райдзастай,
Райдайа да бон,
Ма игъоса ду да мастма,
Да сагъаста расог дон.
Ма бауадза лагъуз фунтан,
Бара раттун райхалун,
Бунат наййе фудконд дзурддан,
Уони гъауй феронхун.
Кадзосзардай ду синхонан,
Саумахуарз загъа,
Арбалваса да идона,
Идарддар таха.
Да надбал ку уа искъуаран,
Ма  къис- къус кана куййау,
Иннебалти скана цауан,
Бадайнаг нада миййаг.
Фембалагма баидзула,
Фаууад фандараст,
Астонган амбес да дзолай,
Ма  ракана гъаст.

Уарзун гъауй аци цард
Да аввахси кай,
Адаймаг ку уа езгард,
Анамонд а хай.


Рецензии