Фудзунд

Царди амбес дин равардтон,
Ду ба си цъикки дорау фагъгъастай,
Байзадтан ана уарзтай имонау,
Аз да гъазан, загъай номдарай.
Гъадин кукла, бадтан уати,
Масти донай хуарзтуппур,
Рацудта гадзирахатай,
Сари хъанзай да магуыр.
Куд на базудтай ма хацца,
Хуыцауи лавар дауан,
Ма цаститатай тог ратаддзай,
Тар гъадама фаццауан.
Ниххалхъой дан аз да миуту,
Да алли дзурд кадзос сайд,
Ма тарнихбал зайуй сиута,
Ма дан балаууа анцад.
Сайдтай ман анаафсармай,
Ангъалдтай аз дан къумух,
Фал на хастон аз ма сарма,
Уорадта адани цъух.
Бинонта сканун анцон ай,
Исаразун цини хуынд,
Не сфаразтай ман уарзонай,
Уоман  ама да фудзунд.


Рецензии