Ацаг лаг
Да уардун дара раст надбал гъадаг,
Саризунд куы 'рбацауа да хъанзма,
Уад райдайдзай да растаг.
Маке цъухай басадта да нива,
Амбесандда дзордзанца адан,
Цагъддзанца дин да гъости са синар,
Де 'ргоман ма уад хатан.
Расугьд дзурдти уаза некад адтай,
Анхус ай аппун андар хузи,
Алке ай хецау а цардан,
Зунтгин уо, ма уодзана тъузи.
Ходуйнаг да сарма ма архасса,
Уалдай сом ма дара макамай,
Ма фанза ма маке цъухай уаса,
Андар хузи уо ду алкамай.
Да дзурдан зона бунат,
Маке зарда никкъаха,
Макаман искана маст,
Хъел ма дара сиукъата.
Да фаууиндама балццанца,
Аргъ дин исодзанай уад.
Сахе дама иваздзанца,
Хондзанца да ацаг лаг.
Свидетельство о публикации №126020701643