Дессаги фун

Аз фаууидтон дессаг фун.
Ана радзоргай наййес,
Цал бони уадай царун,
Бабурдай бауари рес.
Уг ма разма арбатахтай,
Ма ма гъоси бадзурдта,
Барга ма дан дин нур рагий,
Хатир дар ми ракурдта.
Равзурсттан уаларвон басти,
Ахсилкъа канун махе,
Куд ма бон анагъауаги,
Гъар канун ама фадес.
Цъах цъахид будур нийвастай,
Дидинагай на зиннуй,
Рангъай тахунца царгаста,
Фонс ба кардаги хезуй.
Суваллантта багъанвадай,
Уорс дараста са бал конд,
Ма цасгон мабал нийвадай
Нур син загъун куд канон.
Адан уоми идзулунца,
Расугъд зарта канунца,
Нард фингабал косарти сар,
Ман сахема сайунца.
Уоми дантта уорс ахсирай,
Къахтибунти цаунца,
Бунма саттуй санафсера,
Цъеута дзорга канунца.
Ма бауар нур ниббизирд ай,
Фегъал дан ма фун фацай
На зонун манан кад цаугай,
Набал  тарсун малатай!


Рецензии