Силгоймаг сайтани хай

Силгоймаг ай царддаттаг,
Мада, ма хуара,
Арви лавар дидинаг,
Арт ибал хуарун!
Силгоймаг хадзари хъаппа,
Уарзондзинади бунат,
Расугъд гъудита ин радта,
Йе ба дин зарди анцад.
Силгоймаг хори бадола,
Гъардзинада а лавар,
Фалман дзурдда има 'сдзора,
Йе ба дауан уарзти зар.
Силгоймаг занхон астъалу,
Идзулуй, ма арттевуй,
Райин кова, май растауа,
Ма дин да тух арзелуй.
Силгоймаг уодбалхуацагай,
Радта има ду да къох,
Куы ай дарай игъалдзагай,
Нивгун уодзана адзох.
Силгоймаг сайтани хай ай,
Зонуй дауан да исон,
Еунаг хадт ай куы расайай,
Уад никкодта магур бон.


Рецензии