Хинайдзаг
Расугъд аргъаудда дзурдтай,
Ма зарда мин авгау састай,
Хинайдзаг нур махай кай?
Ма хаббартта аз фиццаги,
Дауан кодтон ма уодай,
Да фарсма лауддан гьуддаги,
Уотемай на цард цудай.
Хелага ма хорх артухта,
Хастуолафт еугай канун,
Дау ма дзурд артау куы сухта,
Е кизга нур ба малун.
Карз касета дзабах адан!
Ке хонета скъухт амбал,
Аз дар каддар куырма адтан,
Енуртакка ба набал ...
Свидетельство о публикации №126020400679