Аргъау

Аргьау
Ацаемаез
Нымаеты бады заеронд лаег,
Аздухы ризи уый хатт.
Баппары зынджытыл сугтае,
Ссудзы та тынгдаер уаед арт.

Сабитае йае алыварс бадынц,
Артмае аедзынаег каесынц.
Аргъаумае хъусынц лаембынаег
Аемае йыл дистае каенынц.

Заеронд лаег дзуры йае аргьау,
Уыг даер нае уадзы йае уаст.
Бады баерз баеласыл иунаег,
Артмае аедзынаег йае каст.

-Иу заман сахъ лаеппу цардис,
Мадаей уый сидзаер уыдис.
Фыд аей ныууагъта чысылаей,
Лаеппу Ацаемаез хуындис.

Цуан каенын уарзта Ацаемаез,
Араех- иу хъаедмае цыдис.
Рхаста-иу саг даер уый йе ккой,
Адаем ыл кодтой-иу дис.

Иу хатт та хъаедмае фаераст и
Рбаста йае фарсыл йае кард.
Араст и тар хъаеды хуылфмае,
Мур даер нае зыдта уый тас.

Бацыдис хъаедаен йае арфмае,
Булаемаергъ зарыд раесугъд.
Аердзаен йае диссаджы уындаей
Радис уым лаеппуйы уд.

Цъаех наеуыл дидинтае узы
Дымгае раевдаугае, уаеззау.
Уартае фаезынди раесугьд саг,
Уымаен йае бакаст фынау.

Айваеста аердын Ацаемаез,
Сагмае скодта йае фат.
Хъустыл фаецыдис уаеззау хъаерзт,
Сырдаен уыд диссаг йае каст.

Цаестытаей цаессыг ызгъаелдис,
Хаудаей, унаергьгае куыдта.
Арваей саем хур даер нымдзасти,
Лаеппумае сыл саг дзырдта:

-О, лаеппу,амар мае, курын,
Хъизаемар удаен у зын.
Сагаей нае райгуырдтаен, баууаенд,
Адаеймаг даен аез, заегъын.

Дистае каены уым Ацаемаез,
Саджы хьаедгомыл хаецы.
Дзураг саг федта йае царды
Аемае йаем джихаей каесы.

-Ма мыл каен дистае, аегьгьаед у,
Хингаенаег фелгьыста маен.
Бадар мын суадоны донаай
Аемае мае къайаен фаекаен.

Балыгъди донмае Ацаемаез,
Къухты аербаскъаефта дон.
Ркалдта аертахтае уый сагыл,
'Ндаер ма цы уыдис йае бон...

Фестади саг уаед раесугъд чызг:
Даргъ дзыкку, саулагъз, хаерзконд.
Систа йае лаеппу йае цаесты,
Уарзтаей йае заердае ыссонт.

Чызджы аеркодта уый хъаеумае,
Скодта чындзаехсаев маеймае.
Цаест даер куы не ххаесыд фынгтыл,
Баегаены калдис хаердмае.

Заеронд лаег ракодта аргьау,
Арты ыстъаелфыди зынг.
Уыг даер ма кастис каецаейдаер,
Ноджы йае уасын ыстынг.


Рецензии