Гъолахъ фардуг

- Аци дзаума ками райстай?
Авадзи, хъабар да гъаздуги
Дасни деска-дескай никкастай
Ма кохи ку сцафстай фардуг

Бор-борит цафсуй сугъзаринай
Цахарта уаларвма галдзуй
Махе ци факодтайна цийнай!
Игъалдзагай зарда фицуй!

- Хелага мин ай арбахаста
Гъаласай ниввардта ма рази
- Бадалтти ке на рамардтай
Дауай аз хъабар дан арази

- Мана 'ци фардуг мана'й райса
Лавар дин ма зардай даттун!
Нивгун ма фарнон куд ис'уайса
Ма уоди бунай дин дзагьун...

Хадзари цагиндзи'й ниббатта
Нийауиндза зарди фардуг
Дзенети будуртай ма гъадтай
Исуодзай хадзара гъаздуг!

*Стихотворение на дигорском диалекте осетинского языка


Рецензии