Хорз у цард!

Хаедзаердты амад у баерзонд,
Фаелтау уый куы уаид нае зонд.
Лаебаезтаей сты конд нае фаендаегтае,
Цаеугае цаеуын ниуынц даендаегтае.
Фаелае уымаей нае хъаеуы таерсын,
Нозтраевдыдаей дзы хорз араехсын.

Ныккъаедзтае сты скъолайы къултае,
Иттаег зондджын уыдзысты хъаебултае.
Фаст бындуртаей саем заендтае хъуызы,
Аивад таедзынаегтаей таедзы.
Цар ныккалынаей чысыл таерсын,
Маехи хцайае та цалцаег каенын.

Фыраефсаермаей ныссырхи диплом,
Чи та балхаедта дохтыры ном?
Кураем дае - буц "хосгаенаег"
Ма нын фаеуай хорз ныгаенаег!
Уал фаеразаем наехаедаег быхсын,
Цъус ма нае фаенды цаерын.

Хицаеудты цаестынгас тыхст,
Сае хъыбылтаен агурынц куыст.
Уыдондаер нын амайой дард,
Фаджысаей "раесугъд цард"
Фаелае уымаей нае хъаеуы таерсын!
Хорз у! Хорз! Ирыстоны цаерын!


Рецензии