Цаутае

Цы хъаймает ихтае ныл уард?
Куы байдзаг цырттаей уаелмаерд!
Иры фаесиваед саехицаен,
Цаемаен фенад кодтой сае цард?

Фыдбылызы заей мах хаессы!
Тугдадзины судзин тъыссы,
Уарзон сыхаегты хъаебул.
Цаессыгтаей йае мад ныхсы!

Къаедзаех ныл фаелдахы аеваст!
Арахъ мах фаекаены тыхласт.
Каеддаер сабыр бинонтаей,
Дардмае хъуысы цъаехахст!

Хурмае маелаем аентаефаей!
`Ппает аерцыдысты уаей,
Фыдаелты бындуртае.
Бафсис хицаудтаен наей!

Арв ныл тызмаегаей наеры!
Уый адаемы бынтае хаеры,
Гаертамхорты аердонг.
Фаесараентаем нае таеры!

Махаен тас наеу здухгае уад!
Зонгуытыл лаеууаем аенцад.
Не'ккой здыйае аефсондз,
Царддаергъы цаестытае аехгаед!


Рецензии