Иронау д м дзурын! иронау м м дзур!

АЕрцыдтаен мае Ирмае (Маескуыйы цаерын).
Ныр та маенае гораеты уынгтыл цаеуын.
Ам дон у адджындаер, хаерзадджын каердзын -
Мае Райгуыраен баестаейыл цинтае каенын!

Ам ме’ мбал мае цуры, мае уарзон хаестаег,
Ам куывдты куыд каестаер сыгъдаег каенын аг.
Ам алы бон дзуры аенкъардаей нана,
«Цаемаен мае ныууагътай, мае къона, цаемаен?»

АЕз уарзын, мае мад мын куы скаены дзыкка,
Маескуыйы куы уыдаид афтае, баергае…
Мае фыдаелты заеххыл мае цард у аенцон,
Маескуыйыл нае каенын хъуыдытае бынтон.

Фаелае-иу куы фехъусын сабиты дзырд,
Уаед хъуыдыты ме’ взагаен скаенын аез цырт.
Фаерсын сае иронау – мае не’мбарынц маен,
Нае фынтае уырыссагау, фесаефтыстаем.

Мае уый тыххаей заердае аенкъардаей у дзаг.
Куыд ферох и махаен н; мадаелон ‘взаг!
Иронау даем дзурын, иронау маем дзур!
Каед де’взаг нае зоныс, уаед ма лаеуу мае цур.

ХИНАЕЙДЗАГ СЫРДОН


Рецензии