Мады къухты хъарм

Аез мысын даеу, мае уарзон мад!
АЕнае даеу цард маенаен аенад.
Дае фаелмаен худт, дае къухты хъарм,
Ирон сылгоймаджы аефсарм.

Зын раестаеджы ды дае мае ныфс,
Хъаебулты амондмае баеллыс.
Даеуаей зынаргъдаер царды наей,
Мае уарзон мад, цаер мын фаернаей!

Дае фыдаебаеттаей райгонд у!
Саербаерзондаей-иу алкуы цу.
Дае тыхтыл макуы ркаен фаесмон,
Аез уарзын даеу, мае мад,
Уый зон!


Рецензии
Мады хъарм къухтаен хъарм ныхаестае...

Олег Дзугаты   19.03.2010 01:49     Заявить о нарушении