Нае саеттын

Алан Гаев
Хъуызгае-хъуызгае маем быры
Цыргъ даендаг катай-уыры
Раехджы фаезындзаенис рын,
Тызмаег хъуыдыты зын.

Каем адзаегъаел райдзаест бон?
Зонды аппы баесты - заераестон.
Нае наем зыны,пыхсытаей дзаг,
АЕцаег лаегдзинады фаендаг.

Каед разына,уаед зынтаей.
Мулк-хъуынайы бынаей.
Хаестае мах дарынц уынгаег,
Цаехаертуджы баесты зымаег.

Уадз, згъорает раестаегы змис.
Нае саеттын!Тых ма маем ис!
АЕрттивы ма ме`нхъаелцау,
Арвы къуырфы,стъалыйау!