Ныр

Алан Гаев
Иттаег фаемысын, рагаей
Хаеххон сыгъдаег уаелдаеф.
Сулаефын маен риудзагаей,
Хъыгдары аентыды таеф.

Каем уыдис аив, раесуг,
Нае царды хаерзад суадон.
Ныр разгъоры , рагуылфы дуг,
Ивылд аемае лакъон.

Дзырдтой нын-" Фаендаг у раст!",
Ныр дзы аемыраехгаед сис.
Гаераентае гонд заеххытае ,уаерст.
Нае рагъыл та сындзимае уис.

Дуаерттае каем уыдысты гом,
Ныр егъау гуыдыртаей аехгаед.
Цы уаваер каесы наем сом?
Чи зоны, сырдты лаегает?!