Хаест

Алан Гаев
"Фыдыбаестыл аерцыдис фыддуг!!!"
Ныссиддысты хаехтаем фаедисы.
Раддай дае цард,дае туг,
АЕнаевгъау , даехи хъаеппаерисаей.

Каем хаецыдтае?Каецы быдыртыл?
Каем сыгъдтае цырен артау?
Де аенаезонгае ныгаедыл,
Афонмае чи рахицау?

Мае фыды фыд - ацы баестае,
АЕгасаей наеу дае аккаг.
Дае бинонтаей бузныгы баесты
Сарыстой хынджылаеггаг!

Хицаеудты хинтаей хъыг,
Дае цаеуает куыстой лаевар.
Араех  аертагъд цаестысыг,
Ныскуыдтае заердаейы цъар.

Ныр та,нае чысыл каестаертаей,
Амбаехстой арф ахуырад.
Талынджы ма куы уал базоной,
Саерибараен йае исдзинад.

АЕфсондзы бын зын у цаерын,
Алцы каенынц нын аевгъау.
Дарынц мах даелфаедты бын,
Фаесномыгаей хонынц -"сау".

Намыс ныккодтой най,
Хъару бынтон аерсаст.
Расайдтой нын нае хай,
Ком аемае цаестытае баст.

Дуды нае буар фаеснад,
"Фыдыбаестае" сси фыдыус.
Даерзаег йае уарзондзинад,
Азылд ныр,фсоны уаезхъус.

Заераедтае хъаерзынц стонгаей:
"Радтут нын дзулы къаерис!"
Куыйтае чысыл аердонгаей,
Бахсыдтой сае уаелахиз!