Уайын

Алан Гаев
Уайын дае размае ,уайын
Ивазын ,ивазын даем цонг.
Сайы, дае хуыз цыма сайы,
Згъоры  тайын аеввонг.

Фынтае санттимае симды,
Сае цъиллау зылд бацайдах.
Фаеаууон ваеййыс фырнымдаей,
Баззайдзынаен та айдагъ.

Фаеринкау мае заердае мын кайыс
Ныххизыс фистоны онг.
Дае карды ком уадз ныннайа
Сырх фынк сагъаесты ронг.