Таехуды

Алан Гаев
Таехуды, уаеларвон зондаей,
Куы афадит аенусон тар.
Сау даргъдзинадаей - зынгау,
Уаед разынит раесугъд сахар.

Фарнаей дзаг йае хаедзаердтае,
АЕвгтае аерттивынц хурау.
Амонды 'взист къулдуаердтае
Нае уадзынц мидаемае фау.

Фсарм,ахуырад,аивад
Йае цаерджыты аенхъаелцау.
Каераедзи аембаргаедзинад,
Скодтой саейраг аегъдау.

Уым,хъаераей,бон-изаермае
Дзуттаг йае чиныг фаерсы.
Маезджыты ног маейы саермае,
Моллойы ламаз хъуысы.

Аргъуаны дзаенгаераегмае
Сисы чырыстон йае худ.
Каемаен та, хъары заердаемае
Буддайы мидбылты худт.

Даеу та `хсызгон цы раевдауы?
Каем ис растдзинадаен йае апп?
Удмае аевастаей чи цаеуы?
Каем агургае у дзуапп?

.......

Мае зонд куы каенон сыгъдаегдаер,
Дзыллаейаен куы уон уарзон хай,
Каей фаерцы суыдзынаен хуыздаер
Сфаелдисаегаен наеу уаелдай!