Къаннаег баелаегъ

Алан Гаев
Дае уылаен баерзонд ,тыхджын.
Куы сыгъдаег,куы та хуырджын.
Хъысмает-цаеугаедон ды уаераех
Алас мае къаннаег баелаегъ

Фаелывдзинад каем аестаем,
Ахаес маен уыцы баестаем.
Цы ран ис? Ды хъуамае зонай,
АЕцаег растдзинад аегаеронаей.

Февдисы уым арвайдаен
Алаемаеттаг, рухс цаераен.
Каем худынц, каеуынц заердиагаей,
Зиумае цаеуынц иумаеййагаей.

Баерзонд дзы у уарзтаен йае ном.
Уым ,дам, лаеджы  цаесгом
Асырх ма ваеййы аефсаермаей.
`Наехинаей фаецаерынц дзагармаей....

Ма мыл фаехуд ,цаеугаедон !
Къухтаей фыййаг ма `стон
Алас мае къаннаег баелаегъ,
Ма мын аей аерфаелдах.