Ир

Алан Гаев
Фаесараейнаг баестае - саумигъ,
Сагъаестае симынц ме`ккой.
Фаеамоны цард йае тигъ.
Заердаейыл дур 'рынцой.

Хур, бондаергъы нае тавы,
Улаефт даер нае каены фаг.
Хсаевы фыдфын ныхъхъавы,
Фаетых мыл ваеййы фыдуаг.

Рагаей мае маст аенхъизы.
Куы атона заердае миййаг.
Тых ма каецаей фаеисын,
Куыд наеу стыр диссаг?

Рымысын даеу-Ирыстон!
Аив нывтае цаестытыл уайынц!
Рог кафт каены цъити дон,
Айнаегтае аевраегъты тайынц.

Ды мае баерзонд фидар ,
Хонгае-дураей амад.
АЕгас дунейы тынгдаер,
Каеныс ныйараеджы ад.

Ды мае къонайы арт,
Рухсдзыд, сыгъдаег суадон!
Заедтимае 'мхиц дае цард!
АМОНД ! ФАРН ! ИРЫСТОН!