Дзуапп

Алан Гаев
Уары ныл тъыфылтаей мит,
Схойы мах тымыгъы хситт.
Фаелае ралаеудзаенис уалдзаег,
Афады их малусаег.

Ныддары мах заей-лаесаен,
Къардиу 'мае айнаеджы `хсаен.
Ма`руадз даехи аерхаендаег,
Фаесыгъдаег уыдзаен фаендаг.

Нае арты фаеваейы суг,
Хицаеудтае цъирынц нае туг.
Раехджы сын нае Царднывгаенаег,
Раддзаен дзуапп ахъаззаг!