Ивгъуыды гон

Алан Гаев
Хаты,йаехимае маен хоны
Мысаенуат-мае раедау фысым.
Каем мае фаенды?Ногаей,йе`фсоны,
Мае царды нывтаем каесын.

Баерзонд,каераедзиуыл амад,
Хъуыддаегтае-чи баззад наекондаей.
`Взонг бонты раедыддзинад
Нае хизы аеддаемае мае зондаей.

Ныхаестае-аез цы нае загътон
Мае хъаелаесы судзинтау сагъдаей.
Хаестае-каей нае фыстон,
Дарынц аефсарм каелмхаердаей.

Баеллицты,ныфсыты рыг
Заердаейыл баезджын ныббады.
Ихджын фаесмоны цаессыг
Риугуыдыр фаераетау фады.

Хорз ма дзы судзы артдзаест,
Дард къуымы йае раехыс-заерин.
Уый у аевидийгае уарзт,
Мае аенхъаелцау,мае цин.